Вид РИД
Произведениe литературы
Турчы Ирæттыл .
Мæ зæрдæ рагæй судзы риуы
Тæригъæд алкæмæн кæнын.
Цæмæн æрцыд бæллæх нæ Иры,
Мæхи дæр, арæхсгæ, фæрсын.
Фæлтæргай Цард, йæхи "æлвисы"
Кæдтæр нæ уыд цæрынæн фаг.
Æмæ, Ирыстонæй , фæдисы,
Лыгъдысты, сусæг хуызы, дард?!
Цӕры, нырдæр ма, Турчы зӕххыл...
Ирон, фæллойгæнджыты тых.
Ӕнусӕй, ныр фылдӕр, нӕ хӕхтæй
Нæ исынц уарзт æмæ рæвдыд.
Уӕддӕр, ӕцӕгӕлон уӕвгӕйӕ,
Быхсгӕ, зындзинӕдтӕн ӕдзух,
Ирӕттӕ, хорз цардмӕ бӕлгӕйӕ,
Хуыцауы хӕрзтӕй не сты цух.
Ныр, "туркаг", хонынц уым ирӕтты
Сӕ цард, сӕ къӕбӕр, нал у дих...
Æмбарынц , алкæцы - сыхӕгты.
"Ӕвзæгтыл", нал кæнынц , уым дис.
Фӕлӕ мӕ, кӕд, мӕ зӕрдӕ сайы ?
Мыййаг, кӕд нӕу сӕ цард сӕ бар?
Фæстæмæ, кæд, сæ зæрдæ 'хсайы...
Нӕ Зæххыл уæд, бынæттæ фаг!
Дунетæн, алкæд нӕй ӕмбарӕн ...
Цы 'рцыд - гъе уый кӕддӕр ӕрцыд...
Мӕ тыхстӕн нӕй, уæддӕр, ӕсбарӕн.
Цыбыр мӕ фӕнд, мӕ зæрдæ - рыст !
Таймилӕ Хӕдарцаты
07.07.25 аз